Сирийы уырыссаг хæдтæхæг æрыппæрстой, цæй фæстиуæг дæр дыууæ адæймаг фæмард

Сирийы уырыссаг хæдтæхæг æрыппæрстой, цæй фæстиуæг дæр дыууæ адæймаг фæмард

Сирийы, уырыссаг хæдтæхæг МИ- 24 æрыппæрсты фæстиуæг дыууæ адæймаг фæмард. Уæрæсейы хихъахъæнады министрады информацийæ, инцидент 31-æм декабры æрцыд, фæлæ уагдоны информаци официалонæй абон сбæлвырд кодтой.

Уырыссаг медийы информацийæ, хæдтæхæг хамасы провинцийы, æфсæдтон аэродромæй 15 километры дæрдзаггæй æрхауд. Авиакатасрофайы аххосаг техникон хæлд хонынц.