«Синовакæй» вакцинæйæ æмбæстæгты иммунизацийы процесс Гуырдзыстоны абонæй райдадзæн. Бæстæйы ацы афонмæ “Синовакы» вакцинæйы 100 мин дозæ ис.
«Синовакæй» вакцинацимæ æмбæстæгты регистраци райдыдта майрæмбон, 21 майы. Визиты рагахст бакæнын гæнæн ис куыд специалон порталыл, афтæдæр телефоны номыврæй 1522.
Низты контролы æмæ æхсæнадон æнæниздзинады националон центры куыд æмбарын кæнынц уымæ гæсгæйæ, «Синовакы» вакцинæ, «Синофармы» æнгæс инактициргонд вакцинæ у. Официалон бæрæггæнæнтæй, æндæр бæстæтæм лæуæрд у 260 милуан дозæ «Синовакы» вакцинæ. Низты контролы центры информацийæ, «Синовакы» вакцинæйæн иммунизацийы экспертты стратегион къордæй (The Strategic Advisory Group of Experts on Immunization (SAGE) æвæрццаг аргълæвæрд уыд.
низты контролы националон центры директоры хæдивæг Паата Имнадзейы фидиуæнæй, «Синовакы» вакцинæйыл фæрссаг реакци минималон æмæ рог формæтæй вæййы. Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ иртасæнæй фæбæрæг ис, цæмæй фæнысангонд вакцинæйæн госпитализацийæ иргъæвынады бæрæггæнæн 85% 100 проценты онг ис.
Паата Имнадзе дзуры, цæмæй фæнысангонд вакцинæмæ, æнæниздзинад хъахъхъæнынады æппæтдунеон организацийы авторизаци, æнхъæлцау лæвæрд уыдзæн æввахс бонты.