Синоптикты прогнозæй, Гуырдзыстоны температурæ гæнæн ис 40 граудсмæ  ахæццæ уа
Синоптикты прогнозæй, Гуырдзыстоны температурæ гæнæн ис 40 граудсмæ ахæццæ уа

Æрдзы  националон агентады гидрометеорологион  прогнозты   уагдоны  хистæр  Светлана Ниорадзейы  информацийæ,  Гуырдзыстоны лæудзæн  тæвд æмæ хурджын бонтæ.

Светлана  Ниорадзе  Гуырдзыстоны  Фыццаг  Каналæн  куыд фехъусын кодта афтæмæй,   Гуырдзыстоны 28 августы онг фылдæр   хурджын боныгъæд лæудзæн, уæлдæфы  температурæ   гæнæн ис  40 градусмæ  схиза.

«Ныгуылæн Гуырдзыстоны, 24,25 æмæ 26  августы гæнæн ис  температурæ 40  градусмæ  схиздзæн   хицæн регионты.  Уыимæ,  фидар дымгæмæ дæр æнхъæлмæ кæсæм.   Хурыскæсæны рдæм   ныридæгæн дымы.  Кутаисы  26 метр/ сикунд  дымгæ  сфиксир ис.  28 августы онг   лæудзæн   фылдæр   хурджын  æмæ  дымгæ бонтæ.   Фидар  уад у æнхъæлмæкæсинаг  сæйраг горæты дæр. Температурæ  34-36  градусы фæлгæтты  уыдзæн.   Ныгуылæн Гуырдзыстоны  æнхъæлмæ кæсæм   бæрзонддæр температурæмæ, хурыскæсæнимæ абаргæйæ», – райхъусын кодта  Светлана Ниорадзе.