Синоптикты прогнозæй, Гуырдзыстоны æнæстабилон боныхъæд лæуудзæн 21 августы онг
Синоптикты прогнозæй, Гуырдзыстоны æнæстабилон боныхъæд лæуудзæн 21 августы онг.
Скæсæн Гуырдзыстоны 20 августы онг æнхъæлмæ кæсинаг у периодон къæвда, иуæй-иу рæтты тæркъкъæвда, гæнæн ис ихуард дæр – хъусын кæнынц æрдзы националон агентады. Афтæдæр сæ информацийæ, æнхъæлмæ кæсинаг егъау дæлдзырæтты гæнæн ис Гуырдзыстоны чысыл цæугæдтты донивылдтæ, æрмæст бæстæйы уæлхоз регионты та лæбырдон процессты сæвзæрд-фæактивондзинад расидæг бауа.
Агентады информацийæ, Сауц Денджызы донбыл районты 19-20 августы æхсæвы æмæ изæры сахатты уардзæн. Уæлдæфы температурæ +26, +28 градус удзæн. Ацы температурæйы прогноз дæттынц Тбилисы дæр, цы ран 19-20 августы, периодонæй уардзæн.
Знон сæйраг сахар æмæ Кахеты регионы боныгъæд проблемæтæ сæвзæрын кодта. Сæйрмагондæй та, фидар къæвда ихуардимæ иумæ фуыдис Тианеты, Телауы, æмæ Ахметайы районы иуæй-иу хъæуты.