Синоптикты прогнозæй 27 декабры онг Гуырдзыстоны хицæн  регионты лæудзæн уазал æмæ митджын боныгъæд
Синоптикты прогнозæй 27 декабры онг Гуырдзыстоны хицæн регионты лæудзæн уазал æмæ митджын боныгъæд

Æрдзы националон агентад 25-28 декабры  Гуырдзыстоны  æнхълмæкæсинаг боныгъæды фæдыл информаци пбликаци кæны.

Синоптикты прогнозæй 27 декабры онг Гуырдзыстоны хицæн регионты лæуудзæн  уазал æмæ митджын боныгъæд.

«27-28 декабры дæлдзырæттæ  фæкъаддæр уыдзысты, фæлæ  28 декабры уæлхох зонæты  ранæй-рæтты  гæнæн ис   фидар митуард,  мигъ æмæ   тымыгъ  фæбæрæг уа.   Дымдзæн   ныгуылæны  фидар уад. Тбилисы гæнæн ис  чысыл дæлдзырæттæ уа. 28 декабры рæстæгæй-рæстгæмæ  дымдзæн цæгат-ныгуылæны фидар уад. Уæлдæфы температурæ  боны сахатты +8 +10 градус уыдзæн.  Донбыл районты (Батум, Кобулет, Анаклиа, Поти):29 декабры онг  рæстæгæй рæстæгмæ уардзæн къæвда. 28 декабры  онг дымдзæн  хуссар-ныгуылæны  фидар уад. Уæлдæфы температурæ  боны сахатты  +10 +15  градусы онг схъарм уыдзæн.  Ныгуылæн Гуырдзыстоны ныллæг районты (Кутаис, Зестафон, Зугддид, Мартвил. Озургет):29 декабры рæстæгæй-рæстæгмæ уардзæн кæвда. Уæлдæф схъарм удызæн  +10 +15 градусы онг боны сахатты.  Ныгуылæн Гуырдзыстоны  хохджын регионты (Амбролаур, Они, Цагер, Шовы, Чъиатура, Сачхере, Хуло): 29 декабры онг  рæстæгæй-рæстæгмæ уардзæн мит.  Уæлдæфы температурæ  боны сахатты +8 +10 градусмæ схыздзæн.

Картлийы (Рустав, Болнис, Марнеул, Гардабан, Гур, Цхинвал):29 декабры онг ранæй-рæтты уыдзæн  дæлдзырæттæ. 28 декабры  дымдзæн ныгуылæны фидар уад. Уæлдæфы температурæ боны сахатты +8 +10 градус  сфиксир уыдзæн.

Кахеты (Сагареджо, Телау, Гурджаан, Сигънагъ, Лагодех, Хъуарел, Ахмета, Дедоплисцъхъаро):29 декабры онг  ранæй рæтты уыдзæн   дæлдзырæттæ. 28 декабры   дымдзæн ныгуылæны фидар уад.   Уæлдæфы температурæ бонæй +8 +10 градус  сфиксир уыдзæн.

Хурыскæсæн Гуырдзыстоны  уæлхох регионты (Ахалцихе, Борджом, Душет, Тианет, Пасанаур, Дедоплисцхъаро 29 декабрмæ ранæй-рæтты æруардзæн мит. Уæлдæфы температурæ боны сахатты +4+9 градус сфиксир уыдзæн.  Хурыскæсæн Гуырдзыстоны уæлхох регионты (Ахалкалак, Цъалка, Бакуриан, Гудаур, Омало):29 декабры онг   ранæй-рæтты æруадзæн мит. 28 декабры  фидар уад,  мигъ æмæ тымыгъ у æнхъæлмæкæсинаг. Уæлдæф боны сахатты -1, +4 граудс сфиксир уыдзæн», – дзырдæуы информацийы.