Синоптикты прогнозæй, 1-2 июлы Гуырдзыстоны æнхъæлмæ кæсинаг у рæстæгæй0-рæстæгмæ къæвда арвнæрдимæ, ихуарын æмæ дымгæйы фæтынг
Æрдзы националон агентад 1-2 июлы Гуырдзыстоны æнхъæлмæксинаг боныгъæды фæдыл рагфæдзæхæст дæтты цæрджытæн.
Синоптикты прогнозæй, 1-аг июлы боны дыккаг æрдæджы 2 июлы боны кæронмæ Гуырдзыстоны æнхъæлмæкæсинаг у рæстæгæй-рæстæгмæ къæвда арвнæрдимæ, ранæй-рæтты – тыхджын, гæнæн ис уа ихуарын æмæ уад.
Афтæма сæ информацийæ, æнхъæлмæкæсинаг дæлдзырæттæ, Гуырдзыстоны цæугæдæттыл гæнæн ис расайа доны æмвæзы нысаниуæгджын рæзт , цæугæдæттыл -донивылдтытæ, къуыппытæ рæтты æмæ хохджын зонæты сыджытлæсæнон процессты сæвзæрд-активаци (азары æмвæз астæуккаг).