Сиявуш Гейдаров - Сирий æмæ Иракъы исламистты рæнхъыты хæцæг Азербайджаны 300-ы онг æмбæстаг амард
Сирийы æмæ Иракъы исламистты рæнхъыты хзæцæг Азербайджаны 300-йы онг æмбæстаг фæмард – уый фæдыл Азербайджаны религион структурæтимæ ахастыты паддзахадлон комитеты минæвар Сиявуш Гейдаров райхъусын кодта.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, хæцæн архæйдтыты хайадисæг 92 уæнгы дзуаппмæ лæвæрд сты, æрмæст 260 уæнг та сты индентифициргонд æмæ уыдонæн ист æрцæудзæн æмбæстагдзинад.
Гейдаровы фидиуæнæй, ис сæм информаци, ома Сирийы æмæ Иракъы радикалон къордты æндæвдады бын уæвæг 300-ы онг æнахъомы æмæ сылгоймагы фæдыл. Уыдонæй иуæй-иу сывæллоны ныридæгæн æрыздæхтой Азербайджанмæ æмæ ерын цæуы реабилитацийы процесс, æрмæст ноджы 19 æнахъомы æввахс периоды æрыздахдзысты.