Си Дзинпин – Украианйы хæсты тыххæй Китайы æмæ Венгрийы сæйраг æнхъарæнтæ фемдзыд сты, цæттæ стæм, баззайæм Венгриимæ æмæ алы æмбæлгæ фарсимæ коммуникацийы
Украинайы хæсты тыххæй Китайы æмæ Венгрийы сæйраг æнхъарæнтæ æмæ сæ тыхархайды æрдæмадтæ фемдзыд сты æмæ Китайы цæттæ у баззайа Венгри æмæ алы æмбæлгæ фарсимæ коммуникацийы, – уый фæдыл Китайы президент Си Дзинпин Венгрийы премьер-министр Виктор Орбанимæ фембæлды рæстæджы райхъусын кодта.
Китайы президенты дзырдæй, Пекин активонæй йæ фарс хæцы сабырадон бадзырдтæн æмæ йæ къух аразы алы архаййдæн кæцыйы нысан у кризисы сабырадонæй алыг кæнын.
Си Дзинпин æрсидтис æхснадæмон дзыллæмæ, сараза аууæлттæ æмæ йæ фарс рахæцы дыууæ фарсы æхсæн комкоммæ диалог æмæ бадзырды сног кæнынæн. Китайы президент банысан кодта, цæмæй æхст фæурæд æмæ политикон уынаффæ алы фарсы интерестæм æмбæлы.
Китайы президенты хъуыдымæ гæсгæйæ, зæгъгæ ма хъуамæ ауæрæх уа хæсты быдыр æмæ ма хъуамæ æрцæуа быцæудзинады масштабты рæзт. Йæхи æрдгæй Венгрийы премьер-министр райхъусын кодта, цæмæй кæддæриддæр сабырады фарсхæцæг у.