Швейцарийы æмбæстæгтæн, Гуырдзыстонмæ æрбахизын сæ бон уыдзæн гоймагы бæлвырдгæнæн æвдисæнгæххæты фæрцы
Швейцарийы  æмбæстæгтæн, Гуырдзыстонмæ  æрбахизын сæ бон уыдзæн гоймагы бæлвырдгæнæн æвдисæнгæххæты  фæрцы

Швейцарийы  Конфедерацийы   æмбæстæгтæн,  Гуырдзыстонмæ  æрбахизын  сæ бон уыдзæн  гоймагы  бæлвырдгæнæн æвдисæнгæххæты  фæрцы.   Фæнысангонд ивд, хицауады  2015 азы  5  июны  №255 уагæвæрдмæ  æрцыд хаст, документыл  къух  æвæры премьер-министр Гиорги Гахариа.

«Швейцарийы  конфедерацийы  æмбæстæгтæн   Гуырдзыстонмæ æрбацæуын   сæ бон  у   бæлццонон документы,  афтæдæр гоймагы бæлвырдгæнæг æвдисæнгæххæтты   бындурыло,  кæцыйы  банысангонд у   гоймагы  ном, мыггаг,  райгуырды  датæ  æмæ  йыл ис къам»- дзырдæуы   уагæвæрды, кæцы  уыцы  бæстæты  ранымадмæ æххæссы, кæцы  æмбæстæгтæн  Гуырдзыстонмæ æрбацæуын, сæ бон  у  æнæвизæйæ.

2019 азы 28 ноябрæй  датæгонд  уагæвæрд йæ тыхмæ ныридæгæн   бахызт.