Швейцарийы æмбæстæгтæн, Гуырдзыстонмæ æрбахизын сæ бон уыдзæн гоймагы бæлвырдгæнæн æвдисæнгæххæты фæрцы

13:17, 01.12.2019

Швейцарийы  Конфедерацийы   æмбæстæгтæн,  Гуырдзыстонмæ  æрбахизын  сæ бон уыдзæн  гоймагы  бæлвырдгæнæн æвдисæнгæххæты  фæрцы.   Фæнысангонд ивд, хицауады  2015 азы  5  июны  №255 уагæвæрдмæ  æрцыд хаст, документыл  къух  æвæры премьер-министр Гиорги Гахариа.

«Швейцарийы  конфедерацийы  æмбæстæгтæн   Гуырдзыстонмæ æрбацæуын   сæ бон  у   бæлццонон документы,  афтæдæр гоймагы бæлвырдгæнæг æвдисæнгæххæтты   бындурыло,  кæцыйы  банысангонд у   гоймагы  ном, мыггаг,  райгуырды  датæ  æмæ  йыл ис къам»- дзырдæуы   уагæвæрды, кæцы  уыцы  бæстæты  ранымадмæ æххæссы, кæцы  æмбæстæгтæн  Гуырдзыстонмæ æрбацæуын, сæ бон  у  æнæвизæйæ.

2019 азы 28 ноябрæй  датæгонд  уагæвæрд йæ тыхмæ ныридæгæн   бахызт.

Хуыздæр