Шведаг биатлонисткæ  Ханна Эберг  фæуæлахиз ис  индивидуалон  ерысы  Пхенчханы 2018  азы  Олимпиадæйы
Шведаг биатлонисткæ Ханна Эберг фæуæлахиз ис индивидуалон ерысы Пхенчханы 2018 азы Олимпиадæйы

Сенсацийæ фæцис  сылгоймæгты биатлоны  згъорд 15 километр дæрццæгыл,   Пчхенчханы  2018  азы  зымæджы Олимпиадæйыл. Згъорды уæлахиздзау ссис  шведаг  Ханна Эберг.  Уый ацы  дистанцийы  бамбæрзта  нæнмелайæ  æмæ   финишмæ æрхæццæ ис  41,минут  æмæ  07,2 сикундмæ.   Ай  у фыццаг   стыр æнтыст  22 аздзыд   спортсменкæйы   карьерæйы.

Дыккаг бынат   бацахста – Словакиаг Анастасия  Куьмина,  кæцы  рамбылдта  дыккаг майдан ацы  Олимпиадæйæл.  Лаура  Дальмайер, кæцы уымæй размæ  дыууæ  хатты фæуæлахиз ис,  ныр бацахста   æртыккаг бынат.