Шведаг биатлонисткæ Ханна Эберг фæуæлахиз ис индивидуалон ерысы Пхенчханы 2018 азы Олимпиадæйы
Сенсацийæ фæцис сылгоймæгты биатлоны згъорд 15 километр дæрццæгыл, Пчхенчханы 2018 азы зымæджы Олимпиадæйыл. Згъорды уæлахиздзау ссис шведаг Ханна Эберг. Уый ацы дистанцийы бамбæрзта нæнмелайæ æмæ финишмæ æрхæццæ ис 41,минут æмæ 07,2 сикундмæ. Ай у фыццаг стыр æнтыст 22 аздзыд спортсменкæйы карьерæйы.
Дыккаг бынат бацахста – Словакиаг Анастасия Куьмина, кæцы рамбылдта дыккаг майдан ацы Олимпиадæйæл. Лаура Дальмайер, кæцы уымæй размæ дыууæ хатты фæуæлахиз ис, ныр бацахста æртыккаг бынат.