Швецийы фæсарæн хъуыддæгты министр – Гуырдзыстоны дарддæр дæр æххуыс кæндзыстæм уыцы адæймæгтæн, кæцыты фæнды кусын демократийы, ныхасы сæрибардзинады æмæ Гуырдзыстоны Евроцæдисмæ бацыды сæраппонд
Дарддæр кæндзыстæм æххуыс Гуырдзыстоны уыцы адæймæгтæн, кæцыты фæнды кусын демократи, ныхасы сæрибардзинад æмæ Гуырдзыстоны Евроцæдисы бинонтæм баиу кæнын – уый фæдыл Швецийы æттаг хъуыдтæгты министр Мария Малмер Стенергаард Люксембургы Евроцæдисы æттаг хъуыдтæгты министрты фембæлды райдайæны размæ расидтис.
Журналист куы бафарста, цавæр у Швецийы сæйраг хъусынгæнинаг уыцы гуырдзиæгтæн, кæцытæ нырма дæр тох кæнынц сæ бæстæйы европæйаг фидæны сæраппонд, уæд Стенергаард афтæ дзуапп ратта:
«Мæн тыхсын кæны уыцы цаутæ, кæцытæ фæстаг азы дæргъы æрцыдысты.Фæлæ дарддæр дæр лæудзыстæм уыцы адæймæгты фарсмæ, кæцыты фæнды Европæйы хай суæвын», – загъта Мария Мальмер Стенергаард.