Швецийы фæсарæн хъуыддæгты министр – Гуырдзыстон æмæ Молдовæйы суверенитеты, территорион æнæхъæндзинадæн нæ фарсдарын æнæцудгæ у
Нæ фарсхæцын Гуырдзыстон æмæ Молдовæйы суверенитетæн, территорион æнæхъæндзинадæн у æнæцудгæ, – уый фæдыл Швецийы фсарæн хъуыддæгты министра Тобиас Билстрем OSCE-ы министериалыл дзырдæй ралæуды рæстæджы райхъусын кодта.
Уыимæ Тобиас Билстрем ноджы иу хатт равдыста фарсдарын Украинайæн æмæ банысан кодта,ц æмæй Уæрæсейы агрессийы фæстиуджытæ ахызтысты Украинайы арæнтæй æмæ серьозон фæстиуджытæ расайдтой регионы æмæ æппæт Дунейы.
«Украинæгтæ хæцынц сæрмагонд бæстæйы, OSCE-ы сæйраг принципты æмæ иумæйаг æдасдзинады бындур бахъахъхъæнынæн. Уæрæсейы агрессийæн серьозон фæстиуджытæ ис Украина1йы арæнты æддейæ дæр. Нæ фарсхæцын Гуырдзыстон æмæ Молдовæйы суверенитеты, территорион æнæхъæндзинадæн æнæцудгæ у», – райхъусын кодта Швецийы фæсарæн хъуыддæгты министр.