Шри-Ланкайыл  рæмудзæн гарзæг сæнæзианхъом кодтой
Шри-Ланкайыл рæмудзæн гарзæг сæнæзианхъом кодтой

Шри-Ланкайыл  радон  срæмыгъды гуыпп  айхъуыст. Фæлæ ацы хатт  рæмудзæн гарзæг  скуыста, куы йæ сæнæзианхъом кæнын архайдтой  уæд.  ИНформацийы  хъусын кæны агентад «Ройтерс».

Авд химарæг  террорист хуыцаубоны  Шри-Ланкайыл цы  бырстыты  серий сæххæст кодтой,  уыдоны фæстиуæгæн 290  адæймаг фæхъуыд, фæцæфуæвджыты нымæц  та  500-йæ фылдæр у.

Барадхъахъъæнджыты  фидиуæнæй,   бырстытыл  бæрн  йæхимæ нырма  ничи айста, фæлæ  полицийы сæ зæрдæ хсайы, цæмæй  терактты баст сты  æхсæнадæмон террористон   хызæгтæ.