Шри-Ланкайы хицауад æмбæстæгтæм æрсидтис цыргъæгтæ раттынмæ. Хицауады уæнгты дзырдæй, уыдон зæгъгæ курынц æмбæстæгтæй, стыр асы кæрдтæ æмæ цирхъытæ барвæндæй раттын. Бынæттон полицийы хъусинагæй, фæнысангонд Шри-Ланкайыл 21 апрелы терактты фæстæ, æдасдзинады æрфидар кæнынæн, æнæмæнгхъæугæ у. Барадхъахъæнджытæ афтæдæр сидынц æмæстæгтæм, барвæндæй раттой сæрмагондæ фсæддон формæтæ дæр. Афтæма полицийы не сконкрет кодтой, бандавдзæн æви нæ амнисти уыцы уæнгтæм, кæцытæ барвæндæй раттой хæцæнгарз.
«ВВС»-йы хъусинагæй, цыргъæгты æмæ æфсæддон дарæсы раттын дыууæ бон аххæсдзæн. Бæрæг куыд у афтæмæй, фæдæвзарын Шри-Ланкайыл бырстыты 25-30 организаторы агуры. Полицимæ ис информаци, цæмæй фыдгæнджытæ полицийы кæнæ æфсæддон формæты кондæй хъавынц теракттæ сæххæсткæнын.