Шри-Ланкайы абон  æвдæм   срæмыгъд æрцыд
Шри-Ланкайы абон æвдæм срæмыгъд æрцыд

Бынæттон   медийы  информацийæ,  Шри-Ланкайы   цъус рæстæг размæ   æвдæм  стынд   æрцыд.  Стынды  гуыпп  сахар Коломбойы иуæй-иу  районы айхъуыст.  Срæмыгъды  аххос нырма бæрæг нæу.

Шри-Ланкайы  срæмыгъдты фæстиуæгæн  фæмардуæвджыты нымæц  160-ы  онг   райрæзт. Цæфтæ  сты   360-йæ фылдæр   адæймаг.   Сæ  иу хайы фæхæццæ кодтой рынчындæттæм.

Æрцæугæйы тыххæй,   бæстæйы   æдасдзинады  мадзæлттæ фæкарздæр колдтой.

Срæмыгъдтæ æрцыд  æртæ аргъуаны  æмæ æртæ  фысымуаты.   Сæ нымæцы   уыд номдзыд  фешенебелон   фысымуаттæ.  Срæмыгъд æрцыд   Кочикадейы, Негомбойы æмæ Батикалоайы   аргъуанты, цыран  Куадзæнын  месса  цыд æххæст.