«Шпигель» - Евроццæдисы санкцитæм нæкæсгæ, уырыссаг нефт Ервопæмæ æртыккаг бæстæты уылты цæуы
Евроцæдисы санкцитæм нæкæсгæ, уырыссаг нефт Европæмæ цæуы æртыккаг бæстæты уылты, уый фæдыл информацийы «Шпигел» хъусын кæны.
Рауагъдады информацийæ, æрвылбойнонæй, Индийы порты бацæуы уырыссаг нефтæй едзаг иууыл цъус дыууæ танкеры, кæцы мæйы мидæг у 70-ы онг танкер.
«Шпигелы» фыссынц, цæмæй Индийы ныгуылæн донбылыл дунейы сеппæтæй стыр нефтбакусæн заводтæ ис, кæцыты уырыссаг нефты бензинæй æмæ дизелæй бакусынц æмæ йæ стæй Европæмæ ласынц. Ахæлиугонд информацимæ гæсгæйæ, ивгъуыд мæйы Индий Евроцæдисмæ Сауды Аравийæ фылдæр æртаг бахаста.
Индийы «Вадинарийы» нефтбакусæн заводы зæгъæн ис 50 процент, уырыссаг нефткомпани «Роснефты» сæрмæмулкы ис.