Шовы стихийы фæдыл 22 сентябры Вахтанг Гомелауримæ интерпеляцийы форматы парламенты хъусдзысты
Гуырдзыстоны парламенты сæрдары, Шалва Папуашвилийы фидиуæнæй, мидхъуыддæгты министр Вахтанг Гомелаури интерпелляцийы форматы парламенты раз 22 сентябры ралæудзæн æмæ Шовы стихийы фæдыл фарстатыæн сдзуапп кæндзæн.
Папуашвилийы дзырдæй, оппозицийæн банхъарыд, спайда кодтаиккой уыцы инструменттæй, кæцытæ бирæ цырддæр æмæ эффективондæр уыдаиккой.
«Раджы дæр сæм куы уыдис инициативæ, банхъарыдтæн сын, уыцы инструменттæй спайда кæнын, кæцы бирæ цырддæр æмæ эффективон сты, уый ынмæцы спайда кодтаиккой интерпелляцийы фадатæй. Дзæбæх у, цæмæй уый фæстæ интерпеляцийæ баздæхтысты мидхъуыддæгты министрмæ, кæцы 22 сентябры растдæр ацы интерпеляцийыл дзуаппæн æрбацæудзæн парламентмæ æмæ сын уыдзæн фадат, алы фарстыл райсой дзуаппытæ. Уый тыххæй оппозицимæ мæ сидт уыдаит, банхъæлмæ кæсæт интерпеляцимæ æмæ фенæт, цы фарстытæ баззад æмæ райсдзысты æви нæ дзуаппытæ. Мидхъуыддæгты министр æрбацæудзæн æмæ алы фарстыл ратдзæн дзуапп», – рахйъусын кодта Шалва Папуашвили.
Шовы стихийы фæдыл парламенты рæстæгмæ фæдагурæг комисси саразыны фарстайы тыххæй Шалва Папуашвили загъта, цæмæй оппозицийы æхсæн дæр ацы æрдгæй иудзинад нæй.
«Хæдæгай, оппозицийы дæр уынæм цæмæй нæй иудзинад. Бæрæг у, фæдагурæг комисси ноджы иу политикон радикалон бонвæтк æрахæссыны архайд у. Кæдсæм исты фарст ис, растдæр уый тыххæй ис интерпеляци, фæдзурæт бæрнон структурæтæм æмæ интерпеляцийы уагæй раттæнт алы фарстæн дзуапп. Фæлагурæг комисси саразнæй гæнæн ис уа сæм ныфс, цæмæй темæйы алыварс бæрæг медиаажиотаж сцырын кæной, кæцы Шовы трагедийы фоныл сеппæтæй æлгъаг ми у. Уый раст ми нæу нæдæр политиконæй æмæ æнæдæр адæймагонæй»,- банысан кодта Шалва Папуашвили.