Шарль Мишелы хуындæй Саломэ Зурабишвили Брюсселы хайад райсдзæн æхсæнадæмон конференцийы
Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвили Брюсселы ис. Уый фæдыл фыссы Саломэ Зурабишвили социалон хызаджы.
Саломэ Зурабишвили Европаг советы президент Шарль Мишелимæ иумæ ист къам дæр публикаци кæны.
Уыимæ, президенты пресскуысты информацийæ, Саломэ Зурабишвили Брюссельмæ, Европаг Советы президент Шарль Мишелы хуындæй, абон хайад райсдзæн конференцийы «Сылгоймæгтæ конфликтты».
«Брюсселы плангонд æхсæнадæмон конференцийы хайад исынц сылгоймаг лидертæ æмæ конфликтты зианбавзарæг сылгоймæгтæ, сæ нымæцы Украинайы фыццаг леди Олена Зеленска, ИНО-йы сылгоймæгты организацийы æххæстгæнæг директор Сима Сами Баус, Нобелы сабырады премийы лауреат Надиа Мурад. Мадзалы кæцыйæн Ино-йы сылгоймæгты организаци «Nadia’s Initiative» æмæ «Dr. Denis Mukwege»-ы фонд фысым кæнынц, акценттæ арызт уыдзæн конфликтты сылгоймаг лидерты нысаниуæгыл, сылгоймæгты æмæ чызджыты барты реализацийы æмæ сæ сабырады процессты æххæстаргъджын хайад райсыны æнæмæнгхæъуындзинадыл», – дзырдæуы официалон информацийы.