Шарль Мишель – Иу фæлтæры рæстæджы уæ дзыллæты æмæ Евроцæдисы æхсæн дæрддзæг прецедент цæмæн нæй афтæ фæцыбыр ис
Хæдбарады æмæ Евроцæдисмæ интеграцийы фæндагыл иу фæлтæры рæстæджы дæрддзæг уæ æхсæнады æмæ евроцæдисы æхсæн, прецедент цæмæн нæй афтæ фæцыбырдæр ис, – уый фæдыл Европаг Советы президент Шарль Мишель Батумы æхсæнадæмон конференцийыл дзырдæй ралæуды рæстæджы загъта.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, Евроцæдис Гуырдзыстоны, Украина æмæ Молдовæйы сеппæтæй иузæрдыг партнер у фылдæр демократийæн æмæ стабилондзинадæн.
«Гуырдзыстон, Молдовæ æмæ Украина нырид 30 аз у, хæдбар сты. Иу фæлтæр, кæцы стыр тыхархайдæй бафæрæзта размæцыд, иу фæлтæр, кæцы бæрæг кæны фидæн æмæ амайы сæрмагонд тыгъдад дзæбæхдзинадæн æмгуыстады, ацы иумæйаг аргъдзинæдты бындурыл, æмæ ай нæ уыд æнцон фæндаг. Ацы процесс цыдис, дестабилизацийы, агрессийы, быцæусидтыты фоныл æмæ уавæрты. Евроцæдис уæ фарсмæ ис æмæ уын солидарондзинад сиды. Ам нæ хъуыдыйы дарæм уыцы сидтытæ, кæцытæ нын фæндаг рухс кæнынц нæ иумæйаг нысанмæ…. Ракой кодтон иу фæлтæры фæдыл хæдбарады æмæ Евроцæдисмæ интеграцийы фæндагыл . Ацы иунæг фæлтæры рæстæджы дæрддзæг уæ æхсæнады æмæ Евроцæдисы æхсæн фæцыбыр ис прецедент цæмæн нæй афтæ. Евроцæдис у сымахæн сеппæтæй иузæрдыг партнер фылдæр демократийæн, фылдæр стабилондзинадæн æмæ фылдæр дзæбæхдзинадæн, æмæ сегасдæр сæйраг уæ бæстæйы цæрджыты пайдайæн», – банысан кодта Шарль Мишель.