Шарль Мишель - Ис серьезон дызæрдыгдзинад сайды тыххæй, уымæн хъæуы лæмбынæг фæдагуырд, хъæуы бæлвырддзинад, цæмæй алцыдæр сæххæст ис рæстагæй
Ис серьозон дызæрдыгдзинæдтæ сайды фæдыл, кæцытæ домынц лæмбынæг фæдагуырд – уый фæдыл Евросоветы президент Шарль Мишель расидтис.
Мишелы ныхæстæм гæсгæ, ацы процессы тыххæй хъæуы бæлвырддзинад.
«Фыццаджы дæр æз зонын гуырдзиаг адæмы сыгъдæгзæрдæ бæллиц Евроцæдисы уæнг суæвынмæ. Евроцæдисы æрдыгæй тынг нысаниуæгджын æскъуыддзаг райстам, Гуырдзыстонæн кандидаты статус куы радтам, уæд. Цыдæриддæр уагъд æвзæрстытæм хауы, ис серьезон дызæрдыгдзинæдтæ сайды тыххæй, кæцытæн хъæуы лæмбынæг басгæрст. Хъæуы нæ бæлвырддзинад ацы процессы тыххæй, цæмæй алцыдæр æххæстгонд æрцæуа рæстаг æмæ æргомæй. Ууыл дызæрдыггаг хъуыдытæ ис канд Европæйы нæ, фæлæ ма дунейы æндæр бæстæты дæр. Премьер-министр æмæ мæнæн уыд фадат ацы темæйыл фæныхас кæнын», -расидтис Шарль Мишель.