Шарль Мишель, Гуырдзыстон, Украина æмæ Молдовæйы президенттæм баздæхтис - Мæ хæлæрттæ, Евроцæдисы ныфс уæм уæд
Мæ хæлæрттæ, уæ бон у Евроцæдисы ныфс уæм уа – афтæ баздæхтис Европаг Советы президент Шарль Мишель «Ассоциацигонд Трио»-ы Батумы саммиты декларацийыл къухбафыссыны фæстæ Гуырдзыстоны, Украинайы æмæ Молдовайы президенттæм.
Шарль Мишель равдыста фарсхæцын нысаниуæгджын процессы хайадисæг бæстæтæн æмæ банысан кодта, цæмæй Евроцæдис бæрзонд æвмæзады диалог химæныууадзынæн æмæ стфнг кæнынæн алцыппæт сараздзæнис.
«Фæнды мæ Евроцæдисы фарсхæцынад уын равдисон ацы иттæг ахсджиаг процессы хайадисæг бæстæтæн. Декабры нын уыдзæн хурыскæсæн партнерады саммит æмæ æнхъæл дæн, ис бæрæг приоритеттæ, кæцытæм нæ хъусдард хъуамæ раздахæм. Тынг дзæбæх хъуамæ бацæттæ уæм саммитмæ, цæмæй ацы саммит конкретон скæнæм, рахатинаг фæстиуджытимæ æмæ инновацион уæм, бакусæм Европæйы инвестицион банкъимæ конкретон инфраструктурон проекттæн баххуыс кæнынæн, цæмæй сифтонг кæнæм лыстæг æмæ астæуккаг бизнесы стынг æмæ рапарахт кæнын бæстæйы æмæ æмбæстæгты пайдайæн. Дыккаг – бастдзинад хъуамæ уа приоритет, цæмæй стынг кæнæм æмгуыстад æндæр æмæ æндæр сферæты. Æртыккаг – æнæмæнгхъæугæ у реформæтæ сыххæст кæнын, Брюсселы зæрдæ балхæнынæн нæ фæлæ æмбæстæгты пайдайæн. Зынаргъ хæлæрттæ, сымахæн уæ бон у уа уæм Евроцæдисы ныфс. Алцыппæт сараздзыстæм ацы бæрзонд æмвæзады диалог бахъахъхъæд æмæ стынг кæнынæн» – райхъусын кодта Гарль Мишель.
«Ассоциацигонд Трио»-ы – Гуырдзыстоны, Молдовæ æмæ Украинайы падздахады сæргълæуджытæ абон къух бафыстой декларацийыл, кæцыйы мидæг банысангонд у, цæмæй æртæ бæстæйы иу кæны евроцæдисы уæнгсуæвыны нысан.