Шалва Тадумадзе - Премьер æнхъæлмæ кæсы зианбавзарæг бинонтæн, адвокаттимæ æмæ адæмон хъахъхъæнæгимæ иумæ
Шалва Тадумадзе - Премьер  æнхъæлмæ кæсы  зианбавзарæг бинонтæн, адвокаттимæ æмæ  адæмон хъахъхъæнæгимæ иумæ

Премьер-министримæ  фембæлдыл  уыдзысты  æрмæстдæр  зианбавзарæг  бинонтæ адвокаттимæ иумæ,  фембæлдмæ  политикты  не руадздзысты –  уый фæдыл  Гуырдзыстоны хицауады  администрацийы къухдариуæгæнæг  Шалва  Тадумадзе  райхъусын кодта,  кæцы   хицауады  администрацийы размæ  рахызт.

«Премьер  æнхъæлмæ кæсы  зианбавзарæг бинонтæн, адвокаттимæ æмæ  адæмон хъахъхъæнæгимæ иумæ» –  загъта  Тадумадзе.

Тадумадзе  афтæдæр фæныхас кодта  администрацийы  цур æрымбырдуæвæг  хъæбул кæмæн  амард  уыцы  ныйарджытимæ.

Хоравайы   уынгыл  мард  æнахъомы фыд Заза Саралидзе  хицауады  администрацийы  цур  уыдис  æмæ  хъусын кодта, цæмæй  премьеримæ иунæгæй  нæ фембæлдзæн æмæ дзуаппмæ та  банхъæлмæ кæсдзæн иу  сахаты бæрц.

Афтæма  хицауады  администрацийы  цурмæ  бацыд  адæмон хъахъхъæнæг Нино Ломджариа дæр.

Цъус рæстæджы  размæ, афтæдæр  хицауады   администрацийы  цурмæ бацыд  Звиад Куправа,  кæцы  загхта, цæмæй  йæм  зæгхъгæ  Заза Ссралидзе  фæдзырдта  æмæ   йæ  ракуырдта  хицауады   администрацийы  цурмæ  бацыдаит  хъæбул кæмæн  фæмард уыцы  ныййарджытимæ иумæ .

Хоравайы  уынгыл   мард   иуæй-иу  æнахъомы   фыд  Заза Саралидзе  знон    парламенты  бæстыхайы  размæ   акцийы  райхъусын кодта,   цæмæй  Гуырдзыстоны    премьер-министримæ  фембæлын хъавы. Хицауады  администрацийы  пресс-куысты  информацийæ,  Гиорги Квирикашвили зæгъгæ цæттæ у, цæугæ фæдæвзарæнимæ баст фарстытыл ныхаскæнынмæ, политиконæй ангаржиргонд уæнгтæй цухæй фембæла Хоравайы уынгыл мард æнахъомты ныйарджытимæ.