Гуырдзыстоны Евроцæдисы æххуысæй цæугæ проетытæ, фидæны плæнттæ æмæ æндæр æмæ æндæр æрдæм æмгуыстады фæарфдæр кæнын уыд Гуырдзыстоны хицауады администрацийы хистæры Шалва Тадумалдзейы æмæ Евроцæдисы минæвары Янош Херманы фембæлды сæйраг темæтæ.
Хицауады администрацийы пресс-куысты информацийæ, базонгæйы равгы фебæлдыл, кæцы абон хицауады администрацийы ацыд, хъусдард здæхт æрцыд Гуырдзыстоны æмæ Евроцæдисы æхсæн ахастыты райтынгы позитивон динамикæйы æрдæм. Банысан ис Европаг интеграцийы фæндагыл, Гуырдзыстон цы прогрессмæ баххæссыд уый.
Шалва Тадумадзе бахахх кодта евроцæдисы æххуысы нысаниуæг бæстæйы бирæ нысаниуæгджын проекты сæххæсты процессы æмæ Евроцæдисы минæварæн бузныг загъта.
Фембæлдыл ныхас аххæссыд афтæдæр æмгуыстады фæдылдзог фæарфдæры æндæр æмæ æндæр сферæйы, сæ нымæцы хицауадон администрирдзинады реформæйы æмæ регионон рапарахатимæ баст фарстыты æрдæм.