Шалва Папуашвилийы къухдариуæгæй Японийы сæйраг горæты Гуырдзыстоны парламенты делегацийы кусæн визит райдыдта
Японийы сæйраг горæты райдыдта Гуырдзыстоны парламенты делегацийы кусæн визит. Делегацийæн къухдариуæг кæны парламенты сæрдар Шалва Папуашвили.
Визиты фæлгæтты боны дæргъы, фембæлдтæ уыдзæн Японийы минæвæртты палатæйы æмæ дæллаг палатæйы къухдариуæггæнджытимæ.
«Фембæлдтæн, кæцытæ абон Японийы минæварадон палатæйы цæуынц, цалдæр нысан ис. Фыццаджы дæр уый у æхсæнпарламентон æмгуыстад фæарфдæр кæнын. Иуæй-иу сæйраг фарста уыдзæн деоккупацийы политикæйы хъуыддаджы æххуыс, кæцы азты дæргъы, япойнаг коллегæ1тæй иудадзыг ис, фæлæ ацы цæстæнгасæй тыхархайд фæтынг кæнын нысаниуæгджын у. Цæй зæгъын æй хъæуы, ныхас уыдзæн экономикон ахастытыл дæр, туризмыл, спортыл, афтæма ахуырады сферæты æмгуыстадыл, кæцы нæ бæстæйæн афтæ нысаниуæгджын у. Цæй зæгъын æй хъæуы, ныхас уыдзæн регионы цæугæ геополитикон уавæрыл æмæ уыцы быцæусидтытыл, кæцы нæ регионы æмæ уый нымæцы нæ бæстæйæн ис», – райхъусын кодта фракци «Гуырдзиаг Бæллиццы» сæрдар Мдинарадзе.