Шалва Папуашвили – Женевæйы европæйаг æмæ æндæр коллегæтимæ дывæрсыг фембæлдты рæстæджы æруынаффæ кæндзыстæм æнæбанымады политикæйы фарсылхæцындзинад, бæстæты æхсæн ахастытæ æмæ æппæтдунеон фарстытæ
Шалва Папуашвили – Женевæйы европæйаг æмæ æндæр коллегæтимæ дывæрсыг фембæлдты рæстæджы æруынаффæ кæндзыстæм æнæбанымады политикæйы фарсылхæцындзинад, бæстæты æхсæн ахастытæ æмæ æппæтдунеон фарстытæ

Гуырдзыстоны парламенты сæрдар, Шалва Папуашвилийы расидæнмæ гæсгæ, Женевæмæ визиты фæлгæтты, хайад райсдзæн панел-дискуссийы æмæ иумæйаг дебатты, кæцыты раныхас сараздзæн.

Папуашвилийы расидæнмæ гæсгæ, афтæ дæр йæ европæйаг æмæ æндæр коллегæтимæ дывæрсыг фембæлдтæ сараздзæн.

«Абон дæр дарддæр кæны конференци Женевæйы.Мæнæн уыдзæн фадат раныхас кæнон æмæ мæ коллегæтæм баныхас кæнон куыд панелон дискуссийы фæлгæтты, афтæ дæр иумæйаг дебатты.Афтæ дæр мын уыдзæн дывæрсыг фембæлдтæ европæйаг æмæ æндæр коллегæтимæ, цы ран ныхас кæндзыстæм æнæбанымады политикæйы фарсылхæцындзинады тыххæй.Иннæрдыгæй та ныхас кæндзыстæм бæстæты æхсæн ахастытыл æмæ æхсæнадæмон æвзарæнты тыххæй æнæхъæн регионы æмæ Гуырдзыстоны конференци хицæн кæны йæ нымæцæй, кæцыйы хайад исы сæдæйæ фылдæр парламенты спикер Парламенты спикертæн нысаниуæгджын фадат у, цæмæй æрæмбырд уой иу фæзуаты æмæ дих кæной фарстатæ.