Шалва Папуашвили -закъондæттæн ивæндзинæдтæ лæггад кæнынц диаспорæйы барты хъахъхъæдæн, уыдоныл æрылхъывды систæн, цæмæй сæ ма спайда кæной сæ бæстæйы ныхмæ, куыд хæцæнгарз
Фæсарæны уæвæг нæ æмбæстæгтæ, уыцы бæстæйы юрисдикцийы бын сты, кæцыйы уыдон Гуырдзыстоны хицауад нæ хъахъæны, арæнгонд у хъахъæды фадат, се æхсæн æвзарæнон барты къуымæй – уый фæдыл парламенты сæрдар Шалва Папуашвили расидтис.
Журналисттæ Папуашвилийæн фарста раттой æнæрезидент æмбæстæгтæн хъæлæс кæныны уагæвæрды ивды фæдыл.
Папуашвилийы ныхасмæ гæсгæ, закъондæттæн ивæндзинæдтæ лæггад кæнынц диаспорæйы барты хъахъхъæдæн, уыдоныл æрылхъывды систæн, цæмæй сæ ма спайда кæной сæ бæстæйы ныхмæ, куыд хæцæнгарз.
«Мах банысан кодтам, цæмæй æндæр бæстæты æвзæрстыты хъыгдарды факттæ дунейы фылдæрæй-фылдæр кæнынц. Уый фæдыл ныхас кæнынц АИШ-ы, Евроцæдисы æндæр æмæ æндæр бæстæты дæр. Федтам 2024 азы, нæ æвзæрстыты, Евроцæдисы бæстæты бæрнонты æргомæй бахъыгдард, цæмæй райстаиккой хъæугæ фæстиуæг. Ницы сæ фæурæдта, се æхсæн, Евроцæдисы минæвар комкоммæ бацыд «Гуырдзыстоны Бæллиццы» ныхмæ кампанийы. Фæсарæйнаг бæстæты министртæ ам уагътой митингтæ. Куыд хъуамæ æууæндæм уыдоныл æмæ нæ уырна, цæмæй сæрмагонд бæстæты, нæ æмбæстæгтыл æрылхъывд нæ уыдзæн.
Знон дæр загътон, цæмæй Михаил Рот, кæцы уыд Германы Бундестагы æттаг хъуыдтæгты комитеты сæрдар, Германийы хицауады бæрнон, 2024 азы æвзæрстыты агъоммæ Берлины видео систа æмæ баст уыд æвзарджыты мобилизацийы æмæ æлхъывдады. Германийы хицауады бæрнон дын куы дзуры, «Гуырдзиаг Бæллиццы» ныхмæ ратт хъæлæс, уæд уым уæвæг, Гуырдзыстоны æмбæстагæн, æндæр гæнæн нæй, хъуамæ байхъуса. Архайдтыты Баст уыдысты Гуырдзыстоны æмбæстæгтæ, “Националон змæлды” активисттæ æмæ тæрсын кодтой”Гуырдзийаг бæлиццы” фарсылхæцджыты депортацийæ.
Куыд федтам афтæмæй, уыдон уæд сæ цæстытæ æрæхгæдтой, сæ æхсæн Германийы хицауад дæр, æвзæрстыты комкоммæ хъыгдардыл, ницы реакци равдыстой. Махæн нæй фадат, цæмæй нын уа эффективон инструменттæ фæсарæйнаг бæстæты. Цæмæй диаспора хъахъхъæд уа тыхмийы æмæ æрылхъывдæй, растдæр уымæн уыд ист æскъуыддзаг закондæдттæг ивæндзинады райстыл. Ацы фæтк хауы растдæр уыцы бæстæтæм, кæцытæн ис тыхджын диаспорæ – Сомих, Израиль, Ирланди, Мальта, растдæр уыцы бæстæтæ сты, кæцыты диаспорæ стыр хайбавæрд хæссы ацы бæстæты размæцыды» – райхъусын кодта Папуашвили Шалва.