Гуырдзыстоны парламенты сæрдар Шалва Папуашвили, парламентон делегациимæ иумæ, 29 ноябрæй 3 декабры онг Германийы Федеративон Республикæмæ фæуазæг уыдзæн визитæй.
Гуырдзыстоны парламенты информацийæ, парламенты сæрдар Бундестагы президент Бербел Басимæ æмæ бундестагы Евроцæдисы фарстаты комитеты сæрдар Антон Хофрайтеримæ фембæлдзæн.
Фембæлдтæ ацæудзæн Бундестагы юридикон фарстаты комитеты сæрдар Элизабет Винкелмайеримæ, хъахъхъæнынады комитеты сæрдар Мари-Агнес Штрак-Циммерманимæ, адæймаджы барты комитеты сæрдар Рената Альтимæ.
Парламенты сæрдары æмæ парламентон делегаци фембæлдтæ ауадздзысты Бундестагы Хуссар Кавказы парламентон къорды уæнгтимæ, фракци «CDU»-ы уæнгтимæ, раныхасгæнджытимæ НАТО æмæ Хурыскæсæн партнерады æрдгæй, фракци «SPD»-ы æддагон политикон спикеримæ æмæ фæсарæн хъуыддæгты министрады паддзахадон министримæ.
Шалва Папуашвили хайад райсдзæн Гуырдзыстон-Германийы дипломатон ахастыты 30 азы юбилеймæ нываонд мадзалы.
Визиты фæлгæтты плангонд у фембæлд бундестагы гуырдзиаг-немыцаг форумы уæнгтимæ.
Парламентон делегацийы сконды сты депутаттæ Николоз Самхарадзе, Анри Оханашвили, Леван Кобиашвили, Нино Иобашвили, Ираклий Шатакишвили æмæ Хатуна Самнидзе.