Гуырдзыстоны парламенты сæрдар Шалва Папуашвили делегациимæ иумæ 29 марты Брюсселмæ фæуазæг уыдзæн. Информаци хъусын кæны парламенты пресс-куыст.
Уагдоны хъусинагæй, визиты фæлгæтты, Шалва Папуашвили фембæлдтæ ауадздзæн европарламенты президент Роберта Меццолаимæ æмæ европарламентаритимæ, сæ нымæцы Хуссар Кавказимæ ахастыты фарстаты делегацийы къухдариуæггæнæг Марина Кальюрандимæ æмæ социалистты æмæ демократты прогрессон альянсы къорды преиздентимæ, Ираче Гарсиа Пересимæ. Плангонд у фембæлд Бельгийы парламенты минæварадон палатæйы президент Элиан Тилиесимæ æмæ сенаты спикер Стефани Дхоимæ, афтæма еврокомиссар Дидье Реиндерсимæ æмæ Европаг Советы президенты уынаффæгæнæг æддагон фарстæты, Саймон Мордиусимæ. Шалва Папуашвили депутаттимæ иумæ, «Think Tank»-ы минæвæрттимæ дæр фембæлдзæни.
Делегацийы сконды сты Леван Иоселиани, Мака Бочъоришвили æмæ Леван Карумидзе.
Гуырдзыстоны парламенты сардары Брюсселмæ визит фыццæгæм апрелы фæуыдзæн.