Гуырдзыстоны парламенты сæрдар Шалва Папуашвили Узбекистаны Республикæйы парламенты Оли Меджлисы закъондæттæн палатæйы (дæллаг палатæ) сæрдар Нурдинжон Исмаиловимæ фембæлдис.
Парламенты пресскуысты информацийæ, фембæлдыл бахахх ис Гуырдзыстоны æмæ Узюекистаны æхсæн уæвæг æнгом политикон-экономикон цæдистæ.
Шалва Папуашвили зæрдæрухсдзинад равдыста Узбекистанæн, Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинадæн хъæддых фарсхæцыны тыххæй.
«Фембæлдыл æркастысты дыууæфарсон ахастыты фарстатæ, сæ нымæцы æмгуыстад закъондæттæн оргæнты æхсæн, афтæма базарады æмæ энергетикæйы секторты. Нурдинжон Исмалиловы дзырдæй,зæгъгæ Гуырдзыстонæн парламентаризмы стыр истори ис. Фарсытæ æрдзырдтой, цæмæй æмгуыстады меморандумы бындурыл фæарфдæр кæндзысты парламентон цæдистæ, сæ нымæцы комитетты æмæ хæларады къордты æмвæзыл, æнгом æмкуыст кæндзысты æхсæнадæмон парламентон платформæтыл.
Фарсытæ банысан кодтой,ц æмæй ацы æз сæххæст уыдзæн Гуырдзыстоны æмæ Узбекистаны æхсæн дипломатон ахастытæ сфидар кæнынæй 30-æм азы сæр æмæ равдыстой уæвæг ахастыты фæарфдæрмæ цæттæдзинад. Ацы æрдгæй бахахх ис Гуырдзыстоны Узбекистаны Республикæйы минæварады байгомы фарста дæр» -дзырдæуы парламенты ахæлиугонд информацийы.
Афтæма сæ информацийæ, Шалва Папуашвили йæ узбекаг коллегæйы Гуырдзыстонмæ фæхуыдта.
Фембæлд Централон Азийы регионмæ Шалва Папуашвилийы æмæ Парламентон делегацийы официалон визиты фæлгæтты ацыд.