Шалва Папуашвили Узбекистаны парламенты дæллаг палатæйы сæрдаримæ

15:13, 08.04.2024

Гуырдзыстоны  парламенты сæрдар Шалва Папуашвили  Узбекистаны Республикæйы  парламенты Оли Меджлисы  закъондæттæн  палатæйы (дæллаг палатæ) сæрдар Нурдинжон  Исмаиловимæ фембæлдис.

Парламенты пресскуысты информацийæ,  фембæлдыл  бахахх ис  Гуырдзыстоны æмæ Узюекистаны  æхсæн  уæвæг  æнгом  политикон-экономикон  цæдистæ.

Шалва Папуашвили  зæрдæрухсдзинад равдыста Узбекистанæн, Гуырдзыстоны  территорион æнæхъæндзинадæн хъæддых фарсхæцыны тыххæй.

«Фембæлдыл æркастысты  дыууæфарсон  ахастыты   фарстатæ, сæ нымæцы   æмгуыстад  закъондæттæн оргæнты  æхсæн, афтæма базарады æмæ энергетикæйы  секторты.   Нурдинжон  Исмалиловы дзырдæй,зæгъгæ Гуырдзыстонæн  парламентаризмы  стыр истори ис.  Фарсытæ  æрдзырдтой, цæмæй  æмгуыстады  меморандумы  бындурыл  фæарфдæр кæндзысты  парламентон цæдистæ, сæ  нымæцы   комитетты æмæ хæларады  къордты  æмвæзыл,  æнгом  æмкуыст кæндзысты  æхсæнадæмон парламентон платформæтыл.

Фарсытæ банысан кодтой,ц æмæй  ацы æз  сæххæст уыдзæн   Гуырдзыстоны  æмæ Узбекистаны  æхсæн дипломатон ахастытæ сфидар кæнынæй  30-æм азы сæр æмæ  равдыстой   уæвæг ахастыты фæарфдæрмæ цæттæдзинад.  Ацы æрдгæй бахахх ис  Гуырдзыстоны Узбекистаны  Республикæйы минæварады байгомы  фарста дæр» -дзырдæуы   парламенты ахæлиугонд информацийы.

Афтæма сæ информацийæ, Шалва Папуашвили  йæ узбекаг  коллегæйы Гуырдзыстонмæ фæхуыдта.

Фембæлд Централон Азийы регионмæ Шалва Папуашвилийы æмæ  Парламентон делегацийы   официалон визиты фæлгæтты ацыд.

Хуыздæр