Шалва Папуашвили – украинаг адæмы фарсмæ лæууæм, æнæгæсгæ уымæ æмæ Гуырдзыстоны регионтæ окупацигонд сты
Шалва Папуашвили – украинаг адæмы фарсмæ лæууæм, æнæгæсгæ уымæ æмæ Гуырдзыстоны регионтæ окупацигонд сты

Шалва Папуашвили – украинаг адæмы фарсмæ лæууæм, æнæгæсгæ уымæ æмæ Гуырдзыстоны регионтæ окупацигонд сты

Гуырдзийаг æмæ украинаг адæмæн сидæм, цæмæй мах нæ хъавæм ацы фæндагæй фездæхын, – уый фæдыл Гуырдзыстоны парламенты сæрдар Шалва Папуашвили Хорватийы сæйраг сахар Загребы, Хъырымы æппæтдунеон  платформайы парламентон ассамблеайыл ныхасæй рацыды рæстæджы расидтис æмæ Украинайæн фæуæлахиздзинад раарфæ кодта.

Шалва Папуашвилийы фидиуæнмæ гæсгæ, гуырдзийаг, молдовайæг æмæ украингтæн 24-æм февралы онг уыд Уæрæсейы агрессийы фæстиуджытæ сæрмагонд  буарыл сгæрст.

«Гуырдзийаг адæм аналогион бабырсты амæттаг ссис куыд 2008-æм азы, афтæ дæр 1990 азты  Абхази æмæ Цхинвалы регионты.

Мах федтам уырыссаг танктæ куыд бабын кодтой Гуырдзийаг хъæутæ, уырыссаг хæдтæхджытæ  куыд æппæрстой бомбæтæ  нæ фидæны ныфытыл. Мах федтам 100 гай мин  адæймагы расырд сæрмагонд хæдзæрттæй, этникон æрылхъывд æмæ лæгмардзинад»,  – расидтис Папуашвили , кæцыйы ныхасæй Гуырдзыстон тыхстдзинад сиды Украинайыл  бабырсты фæдыл, йæ регионты æнæзаконон анекси æмæ куры Уæрæсе акæна  йæ æфсад окупацигонд территоритæй æмæ  кад скæна Украинайы территорион æнæхъæндзинадæн.

«2008-æм  æмæ 1990-æм азтæ бавдыстой – фыццаг – æнæманг у агрессийы алы аххосагы документаци, кæцы у нысаниуæгджын фактор рæстад сыххæсты æмæ агрессийы ныхмæ тохы.

Дыккаг – æппæтдунеон æрдхордады иудзинад æмæ солидарондзинады бахъахъхъæд æнæманг у, куыд Украинайы, афтæ дæр Уæрæсейы æрдыгæй хæлддзинады æнхъарæг æндæр бæстæты дæр æмæ æртыккаг – æппæтдунеон æрдхорддзинад хъуамæ æркура æппæтдунеон рæстады фундаменталон принципты хъахъхъæд. Тыхы спайдайæ территориты æнæхъæндзинады принципты хæлд æнæрайсгæ у æмæ зиан хæссы æппæтдунеон боны фæткъæн.