Шалва Папуашвили, Турчы Стыр Националон Ассамблейы сæрдары фæхуындæй, Анкарамæ абалц кодта
Гуырдзыстоны парламенты сæрдар Шалва Папуашвили официалон визитæй Турчы сæйраг сахар Анкарамæ ацыд.
Гуырдзыстоны парламенты информацийæ, Шалва Папуашвили Туркы Стыр Националон Ассамблейы сæрдар Руман Куртулмусимæ фембæлдзæн.
Гуырдзыстоны делегацийы парламенты сæрдар Шалва Папуашвилийы сæргълæудæй ис Гуырдзыстоны парламенты сæрдары хæдивæг, æттаг ахастыты комитеты сæрдар Илья Инджиа, Хъахъхъæнынады æмæ æдасдзинады комитеты сæрдар Николоз Самхарадзе, Табатадзе Александр æмæ Гуырдзыстоны парламенты хæлардзинады къорды сæрдар Гия Чъхъониа.
Парламенты сæрдары визит Анкарамæ фæуыдзæн 18 июны.