Шалва Папуашвили – «Триойы» лидердзинадæн кæд аргъ скæндзысты Евроцæдисы, уæд хорз, науæд та нæ сæйраг рард у,  цæсгомджын уæм  гуырдзиаг адæмы æмæ Евроцæдисы  раз
Шалва Папуашвили – «Триойы» лидердзинадæн кæд аргъ скæндзысты Евроцæдисы, уæд хорз, науæд та нæ сæйраг рард у, цæсгомджын уæм гуырдзиаг адæмы æмæ Евроцæдисы раз

Алцыппæт аразæм  цæмæй «Триойы»  лидер уæм  æмæ  лидердзинадæн кæд  аргъ скæндзысты  Евроцæдисы,  уæд хорз, науæд  та нæ сæйраг рард у,  уæм  цæсгомджын  гуырдзиаг адæмы æмæ евроцæдисы раз  дæр, – уый фæдыл   Гуырдзыстоны  парламенты сæрдар  Шалва Папуашвили  райхъусын кодта.

Шалва Папуашвили  куыд банысан кодта афтæмæй,  еврокомиссийы  фыццаг  хыгъдлæвæрды рабæрæг ис, цæмæй Гуырдзыстон ацы этапыл сыххæст кодта æртæ  рекомендаци, иннæ рекомендацитыл  бирæ ницыуал баззад.

«Рекомендациты сыххæст-нæ сыххæсты кæронбæттæн  аргълæвæрд хъуамæ сараза  Еврокомисси æмæ европаг   Совет, уый тыххæй,   кæй зæгъын æй хъæуы,  нысаниуæгджын у  сæ аргълæвæрд. Бæрæг куыд у афтæмæй,   Украина  æрмæст  дыууæ рекомендаци сыххæст  кодта æмæ Молдовæ – æртæ, ацы  æрдгæй, мæ  хъуыдымæ  гæсгæ, æртæдæр бæстæйæн æмхуызон темп ис.  Сæйраг у  прогресс, кæцы равдыста бæстæ  æмæ октябры  онг нысаниуæгджын   æмгъуыд у  уый тыххæй,  цæмæй   закъондæттæг   фарстатæ  фæстагмæ сыххæст уа», –  райхъусын кодта  Папуашвили.

Йæ дзырдæй,  зæгъгæ фарон   Гуырдзыстонимæ  æнæраст бацархайдтой  кандидаты  статус  йын куы нæ раттой  уæд, уымæн æмæ триойы  Гуырдзыстон уыдис æмæ у  лидер.

«Мах, нæхи æрдгæй  алцыппæт сараздзыстæм, цæмæй триойы  лидер  уæм æмæ   лидердзинадæн кæд аргъ кæнынц  Евроцæдисы,  уæд  хорз, науæд та  нæ сæйраг рард у,  уæм  цæсгомджын  гуырдзиаг адæмы æмæ евроцæдисы раз  дæр, ахæм цæсгомджын уыдыстæм  фарон дæр  гуырдзиаг адæмы раз,  кæцы  сбæлвырд ис январы Еврокомисийы  аргълæвæрдæй, ома Гуырдзыстон уыд лидер йеуæд дæр.  Мах æнхъæлмæ кæсæм  уымæ. цæмæй  Евроцæдис  ацыхатт цæсгомджын уыдзæн  гуырдзиаг  адæмы раз», –   райхъусын кодта  Папуашвили.