Шалва Папуашвили – Страсбургы тæрхондон ныридæгæн та разынд уыцы уагдонæй, кæцы дезинформаци раргом кодта, ацы хатт раргом кæнын хауы термин «Уæрæсейаг закъоны» æрхъуыдыгæнджытæм
Бирæ азты дæргъы адæймагы барты европæйаг тæрхондон уыд уыцы уагдон, кæцы раргом кодта оппозицийы, «Эджеойы», фæсарæйнаг политикты æмæ дипломатты дезинформацион кампани. Ацы хатт ацы экспозици хауы термин «Уæрæсейаг закъон»-ы æрхъуыдыгæнджытæм æмæ пайдагæнджытæм, – фыссы Гуырдзыстоны парламенты сæрдар Папуашвили Шалва социалон хызагы.
Папуашвили куыд банысан кæны афтæмæй, абон, Уæрæсейы ныхмæ æскъуыддзагы, тæрхондон банысан кодта, цавæр арæнæвæрдтæ уыдысты Уæрæсейы архайæг закъоны, кæцыйы тыххæй рабæрæг кодта адæймагы барты европон конвенцийы хæлд: «1. Æппæт публикацитæн дæр нысан кæнын, куыд «фæсарæйнаг агенты» рауагъд. 2. Æппæт æвзарæнон процесстæй аиуварс кæнын. 3. Профессионалон цæттæгæнæн программæтæ æххæст кæныны тобæ. 4. Фæсивæдимæ программæтæ æххæст кæныны тобæ. 5. Хицæн куыстуæттæй рекламæйы æфтиæгтæ райсыны тобæ. 6. Æнæпропорционалон санкцитæ (дискрецион ивартæ, организацийы скусын кæнын)».
Шалва Папуашвили æмбарын кæны, цæмæй ацы фарстатæй иу дæр, ацы арæнæвæрдтæй иу дæр Гуырдзыстоны æргомдзинады закъоны нæй.
«Æппæт уыдæтты тыххæй Парламенты минæвæрттæ дзырдтой Конституцион тæрхондоны дискусситы рæстæджы. Хъастгæнæг политиктæ æмæ «Энжео»-ы тыххæй та, уыдонæн сæ бон нæ уыд æнæхъæн процессы дæргъы исты аргумент ранымайын, цавæр иумæйагæй уыд Гуырдзыстоны закъонæн Уæрæсейы тыхы цы закъон ис, уыимæ.
Уымæ гæсгæ уыд æнусы скандал, Уæрæсейы тыхы чи ис, уыцы закъонмæ ницы бар кæмæн уыд, уыцы гуырдзиаг закъон «Уæрæсейы закъон» куы схуыдтой, уæд. Кæй зæгъын æй хъæуы, раздæрау – «Рустави 2», Мелиа, Гварамиа, Саакашвили æмæ а.д. Хъуыддæгты фæдыл – гæнæн ис æмæ ныр дæр ничи хатыр ракурдзæн Гуырдзыстоны ныхмæ мæнг нарративты парахат кæныны тыххæй, фæлæ гуырдзиаг адæм сараздзысты сæ хатдзæгтæ æмæ уыцы хатдзæгтæ алкæмæй ирддæрæй æмæ хъæрæй хъуысдзысты 26-æм октябры», – фыссы Папуашвили Шалва.