Шалва Папуашвили  – кæд æмæ ныры онг ныхас цыд ууыл, цæмæй Украинæ хъуамæ сразы уа сабырадон бадзырдыл, уæд ныр,  ацы хъуыддагмæ бафтыд Европæ дæр, ацы факт махæн  гуырысхойы фадат дæтты, цæмæй иуæй-иу Евроцæдисы бæстæтæн сæхи интерестæ ис 
Шалва Папуашвили – кæд æмæ ныры онг ныхас цыд ууыл, цæмæй Украинæ хъуамæ сразы уа сабырадон бадзырдыл, уæд ныр,  ацы хъуыддагмæ бафтыд Европæ дæр, ацы факт махæн  гуырысхойы фадат дæтты, цæмæй иуæй-иу Евроцæдисы бæстæтæн сæхи интерестæ ис 

Кæд æмæ ныронг ныхас цыд, цæмæй Украинæ цыфæнды сабырадон бадзырдыл хъуамæ сразы уа, уæд ныр, куыд зыны афтæмæй ацы хъуыддагмæ бафтыд Европæ дæр, кæцыйæн йæхи интерестæ ис – расидтис Гуырдзыстоны парламенты сæрдар Шалва Папуашвили.

Папуашвилийы ныхасмæ гæсгæ, афтæ зыны, цыма Европæйы иуæй-иу политикон къордты æхсæн ис комкоммæ интерес ацы хæсты фæдыл.

“Хъусдаринаг у,  знон фыццаг хатт  куы байхъуыстам европæйаг лидертæй, цæмæй цыфæнды сабырадон пъланæн дæр хъуамæ уа Украинæ æмæ Европæйы разыдзинад. Ацы рæстæгмæ кæд ныхас цыд, цæмæй алыхуызон сабырадон бадзырдыл хъуамæ сразы уа Украинæ, ныр куыд зыны,  афтæмæй  Европæ дæр бафтыд, куыд бадзырды хайадисæг фарс, кæцы фарстатæ гуырын кæны. Ноджы иу хатт нæ хъуыды кæнын кæны уыцы гуырысходзинæдтыл, кæцытыл цæуы ныхас Евроцæдисы мидæг дæр, цæмæй Евроцæдисы бæстæтæй иуæй-иутæн ис сæхи интерестæ ацы хæсты.

Хæсты райдайæнæй  181 миллиард евро рахицæн кодтой Украинайæн, уæд кæд æмæ æрмæст энергоæргъæвтытыл 210 миллиард бафыстой  Уæрæсейæн. 310 миллиард бафыстой Уæрæсейæн æмæ уымæй Украинамæ абаргæйæ, 130 миллиард  евройæ фылдæр раттой Уæрæсейæн » – загъта Шалва Папуашвили.