Шалва Папуашвили  Румынийы Сенаты президентимæ фембæлдис
Шалва Папуашвили Румынийы Сенаты президентимæ фембæлдис

Гуырдзыстоны  парламенты сæрдар  Шалва Папуашвили  фембæлдис  Румынийы   Сенаты  президент  Николае  Чукаимæ.  Информаци уый фæдыл   парламенты   прескуыст  хъусын кæны.

Афьæма сæ информацийæ, Шалва Папуашвили  румынаг  фарсæн бузныг  дзуры  Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинады æмæ  европаг   фидæны  хъæддых  æмæ æнæцудгæ   фарсхæцынæн.

«Фарсытæ æркастысты дыууæ бæстæйы æхсæн  æмгуыстад  парламентон  æмвæзадыл, афтæма  экономикæйы æмæ  энергетикæйы  æрдæмадæй.   Хъусдард  здæхт уыдис  проекттыл, кæцы  стынг кæндзæн   бастдзинадхъомад  Сау денджызы  æмæ йæ къух сараздзæн   Евроцæдисы   энергохæдбарадæн.

Ацы æрдгæй, Николае Чука райхъусын кодта, цæмæй  фæнысангонд стратегион   проекттæ  стыр  хайбавæр скæндзысты  дыууæфарсон  ахастыты  стынг кæныны.  Уый бахахх кодта Гуырдзыстонæн пайдаджын географион   равæрд, куыд   хид  Европæ æмæ  Азийы æхсæн.

Шалва Папуашвили  деталонæй  фæныхас кодта  Гуырдзыстоны прогрессыл  Евроцæдис æмæ НАТО-ы  уæнгсуæвыны фæндагыл.  Уый бахахх кодта  нырыккон  историон периоды  Румынийы   æрдгæй  Гуырдзыстонæн  дарддæр  фарсдарыны   нысаниуæг.

Сенаты президент  æвæрццаг аргъ скодта  Гуырдзыстоны  уагъд  реформæтæн.  Йæ фидиуæнæй, нысаниуæгджын у, цæмæй Евроцæдис æмæ НАТО нымадмæ райсой  æмæ   аргъ скæной   Гуырдзыстоны  фæстиуджытæн æмæ бæстæйы  хайбавæрдæн  æхсæнадæмон мисситы.   Уый райхъусын кодта,  цæмæй  Румыни  адарддæр кæндзæн   Гуырдзыстонæн  фарсдарын  Евроцæдис æмæ НАТО-йы  уæнгсуæвыны фæндагыл», –  дзырдæуы  парламенты  пресскуысты  информацийы.