Шалва Папуашвили – оппозици цæуы паддзахадон фæфæлдæхты сценарийыл, уый нысан кæны конституцион уагæвæрды æмæ демократион æвзæрстыты ныхмæ цæуын, гуырдзиаг адæм нæ бауадздзысты ахæм архайдтытæ
Шалва Папуашвили – оппозици цæуы паддзахадон фæфæлдæхты сценарийыл, уый нысан кæны конституцион уагæвæрды æмæ демократион æвзæрстыты ныхмæ цæуын, гуырдзиаг адæм нæ бауадздзысты ахæм архайдтытæ

 

Опозици цæуы паддзахадон фæфæлдæхты сценарийы фæдыл, цæуы конституцион æвæрд æмæ демокративон æвзæрстыты ныхмæ, гуырдзиаг адæм нæ бауадздзæн ахæм архайдтытæ – уый фæдыл парламенты сæрдар Шалва Папуашвили расидтис.

«Алцыппæт цæуы растдæр уыцы сценариймæ гæсгæ, кæцы развæлгъау куыд загътам афтæмæй оппозицийы æрдыгæй фыст у. Уый тыххæй дзырдтам, уымæн æмæ дзырдтой техникон хицауады тыххæй, мах æй хъуыды кæнæм 90-æм азтæй, кæнæ æндæр бæстæтæй, куы хъавынц тыхæй хицауиуæгад байсын æмæ цавæрдæр техникон хицауадтæ æрбакæнын. Уый тыххæй бацæттæ кодтой ацы сценæ æнæхъæнæй дæр — æнæзакъоныл æй расидгæйæ, техникон хицауад саразгæйæ, ацы хъуыддаджы алцыдæр бацæттæ кодтой. Путч-сценарий у, кæцыйы фæдыл цæуынц æмæ уый, кæй зæгъын æй хъæуы, у конституцион æвæрды ныхмæ ацæуын æмæ демокративон æвзæрстыты ныхмæ ацæуын. Кæй зæгъын æй хъæуы, гуырдзиаг адæм нæ бауадздзысты ахæм архайдтытæ», -расидтис Папуашвили Шалва.