Шалва Папуашвили – оккупацигонд Галы ноджы иу хъыгаг факт æрцыд, кæцы ножы иу хатт хахх кæны цас уæззау у оккупаци
Ноджы иу хъыгаг факт æрцыд, кæцы ноджы иу хатт хахх кæны цас уæззау у оккупаци – уый фæдыл Гуырдызстоны парламенты сæрдар Шалва Папуашвили райхъусын кодта.
«Абон адæймаджы барты хъахъхъæды бон, сæрмгаондæй нысаниуæгджын у,ацы перспективæйæ дæр бакæсæм, цæмæй оккупаци йæ хъуыдыйы дары æнæрмæст Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинад халын, фæлæ ма фыццаджы дæр йæ хъуыыйы дары адæймаджы барты къæхты бын скæнын уыцы регионты, кæцытæ сты оккупацийы бын. Уый у зонæ, кæцы уый нымæцы Страсбургы тæрхондоны банымадтой цæмæй у Уæрæсейы эффективон контролы дæлдбар. Уымæ гæсгæ дæр, оккупацийы расидт ацы æрдгæй дæр нысаниуæгджын у, цæмæй адæймады барты æрдгæй ис уæззау уавæр.
Тæфæрфæс кæнын йæ бинонтæн æмæ нын ацы факт ноджы иу хатт æвдисы, цас нысаниуæгджын, оккупаци куыд гæнæн ис афтæ тагъд кæрон скæнын», – райхъусын кодта Шалва Папуашвили.
Ахæлиугонд информацийæ, оккупацигонд Галы бынæттон а.х. милицийы æрдгæй физикъон бафхæрды фæстиуæгæн амард Гуырдзыстоны æмбæстаг. ПÆК-ы хъусын кæнынц, цæмæй оккупацион режимы минæвæрттæ Гуырдзыстоны æмбæстагы мæлæты факт сбæлвырд кодтой, фæлæ нæ бæлвырд кæнынц фæнысангонд гоймагы æнæзакъононæй æрцахсты архайд.