Шалва Папуашвили – нырма дæр ис æнæдзæбæхгæнæг цæфтæ, кæцытæн æцæгæйдæр хъæуы æмбæлон аргълæвæрд парламенты æрдыгæй æмæ ацы æрдгæй фæдагуырдон къамис сæххæст кодта историон мисси
Ныр дæр ма ис æнæдзæбæхгæ цæфтæ, кæцытæн æцæгæйдæр хъæуы æмбæлон аргълæвæрд парламенты æрдыгæй æмæ ацы æрдгæй, мæнмæ гæсгæ, къамис сæххæст кодта историон мисси», – расидтис парламенты сæрдар, Папуашвили Шалва, пленарон рабадтыл, цы ран парламенты рæстæгмæ фæдæвзарæн къамисы хатдзæг байхъуыст.
Йæ ныхасмæ гæсгæ, арæзт æрцыд ахæм документ, кæцы у историон æрмæг нæ бæстæйæн æмæ æхсæнадæн æмæ æрæджыйы ивгъуыд факттыл бындурæвæрд нывæфтыд.
«Хатдзæг, кæцы у 400 фарсæй фылдæр, тæлмацгонд цæуы фæсарæйнаг æвзагмæ, цæмæй алкæмæн дæр уа æнцонæмбарæн, æмæ уæлдайдæр та, «Националон Змæлды» режимы фæдыл нырма исты æнкъарæнтæ кæмæ ис, уыдонæн. Хъыгагæн, абоны онг алыгъуызон æрмæгæй, се æхсæн хицауады минæвæрттæй хъусæм, æрмæст «Националон змæлды» æгъатырдзинад нæ, фæлæ ма змæлды тыххæй дæр ныхмæвæрдæй, суанг æппæлæн дæр.«Мæнмæ гæсгæ, уый у хорз фадат, уый нымæцы уыцы фæсарæйнæгтæн, кæцытæ æнæхай фæкодтой 2012 азы арæзт диктаторон режимæн æмбæлон аргъ скæнын. Уый у гуырдзиаг адæмы раз шанс, гуырдзиаг адæмы æрдыгæй лæвæрд шанс, цæмæй ноджы иу хатт тæрхон кæной уыцы режимæн, кæцы уыд «Националон Змæлды» формæйы, уый нымæцы иуæй-иу фæсарæйнаг тыхты сæрмагонд æххуысæй» – райхъусын кодта Папуашвили Шалва.