Шалва Папуашвили – ноджы иу хатт бæлвырд кæнæм хицауады æххæст фарсылхæцындзинад конфликтты сабырадон æрбæстон кæнынæн, бафидауын у сабырадмæ фæндаджы æнæфæхицæнгæнгæ хай
Сабырдзинады æхсæнадæмон бон мæ фæнды банысан кæнон нæ бæстæйы æмæ дунейы сабырады ахсджиаг нысаниуæг. Абон ныхас кæнæм сабырад æмæ æмразыдзинады парахат кæныны иумæйаг бæрндзинадыл, кæцы абон куыд никуы хъуамæ уа дунейы хицауадты нысан æмæ хæс – уый фæдыл Гуырдзыстоны парламенты сæрдар Шалва Папуашвили йæ ныхасы рæстæджы Сабырдзинады дунеон бон – «Фæсивæд хуыздæр фидæны тыххæй».
Парламенты Сæрдар куыд банысан кодта, афтæмæй абоны вазыгджын дунейы цæуы къорд тугкалæн конфликты.
«Хъыгагæн, нæ сыхы дæр уавæр уæззау у – нæ алыварс ис конфликтты арты аркæ. Дарддæр кæны нæ дыууæ регионы – Абхази æмæ Цхинвалы оккупаци. Ахæм æцæгдзинады, дипломатон инструментты, диалогы æмæ бафидауыны фæрцы сабырад æрфидар кæнын æмæ бахъахъхъæнынмæ здæхт тыхархайдтытæ райсынц сæрмагонд нысаниуæг.
Уый тыххæй дæр Гуырдзыстоны хицауад стыр хъусдард здахы сабырадон инициативæтæм, кæцытæ здæхт сты сабырад фæтыхджындæр кæнынмæ æмæ хæстæй дихгонд æхсæнадты æхсæн æууæнкдзинад сног кæнынмæ. Стæй ма бирæ арæзт цæуы конфликтæй зианбаййафæг цæрджыты социалон-экономикон уавæртæ фæхуыздæр кæныны æмæ сын хуыздæр фидæн сифтонг кæныны тыххæй.
Æппæт уыдæттæ аразæм, уымæн æмæ нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм ивгъуыд рæстæджы фæлтæрддзинад æмæ йæ хъыгаг фæстиуджытæ — мард адæм, скъуыдтæ бинонтæ, бирæ пырх æмæ æдзæллаг хæдзæрттæ, ныппырхгонд бæллицтæ. Ахæм ивгъуыд хынцгæйæ, мах хъуамæ аразæм фидæн, кæцы бындуриуæг кæны бафидауыныл, иудзинадыл, кæрæдзийы æмбарынадыл, æмæ æнтыстджын æмкуыстдзинадыл, цыран нæ æппæт æмбæстæгтæн сæ бон уыдзæн сабыр æмæ кадджын цард кæнын», – расидтис Папуашвили Шалва.
Йæ ныхасмæ гæсгæ, абон ноджы иу хатт бæлвырд кæны хицауады æххæст фарсылхæцындзинад конфликты сабырадон æрбæстон кæнынæн. Бафидауын у сабырадмæ фæндаджы æнæфæхицæнгæнгæ хай.
«Æрмæст диалог хъуамæ уа нæ разамонæг уагæвæрд. Мах æууæндæм дипломатийы æмæ æмгуыстады политикæйыл. Нæ нысан у, цæмæй фидæны фæлтæртæ цæрой сабырадон, интеграцигонд æмæ европон Гуырдзыстоны. Цæмæй цæрой ахæм бæстæйы, цыран уыдон нæ уыдзысты тас æмæ æнкъарддзинады, фæлæ æнкъарой æдасдзинад, ахадгæ, аргъгонд æмæ ахъаз кæндзысты бæстæйы размæцыд æмæ рæзтæн», — загъта парламенты сæрдар.