Гуырдзыстоны парламенты ногæвзæрст сæрдар Шалва Папуашвили Брюссельмæ фыццаг кусæн визиты фæлгæтты фембæлдтæ ауадздзæн НАТО-ы штаб-хæдзары. Информаци уый тыххæй хъусын кæны парламенты пресс-куыст.
Парламентон делегаци, Гуырдзыстоны парламенты сæрдары къухдариуæгæй, НАТО-Гуырдзыстоны комиссийы (NGC) райсдзæн хайад.
Æддæ ахастыты комитеты сæрдар Николоз Самхарадзейы фидиуæнæй, зæгъгæ нысаниуæгджын у, цæмæй рæстæгæй ацы визит фемдзыд ис тынг вазыгджын уавæримæ регионы æмæ афтæдæр бадзырдтимæ НАТО æмæ Уæрæсейы æхсæн.
«Махæн нысаниуæгджын у, йæхæдæг равзæрæнæй райсæм информаци уый фæдыл, цæмæй куыд цæуынц ацы бадзырдтæ, уымæн æмæ НАТО-ы æххуыс Гуырдзыстонæн æнæфæцудгæ у. Фæнды нæ ныхас кæнын фидæны перспективæтыл, гæнæн сценартитыл æмæ ма афтæдæр уыцы къахдзæфтыл, кæцы гæнæн ис куыд мах, афтæ НАТО-ы хъуамæ саразой цæмæй Гуырдзыстоны НАТО-йы уæнгтæм райст фæтагъддæр уа. Уый у критиконæй нысаниуæгджын, уымæн æмæ абон, нырид алчи æмбары, цæмæй Европæйы æдасдзинад Гуырдзыстон æмæ Украинайы æдасдзинадыл у баст æмæ уый тыххæй дæр ам куылымпытæ æмæ фæхатыртæ нæрайсгæ сты», – райхъусын кодта Николоз Самхарадзе.
Делегацийы сконды, кæцыйæн къухдариуæг кæны парламенты сæрдар, сты Гуырдзыстоны парламенты хъахъхъæнынады æмæ æдасдзинады комитеты сæрдар Ираклий Бераиа, æддæ ахастыты комитеты сæрдар Николоз Самхарадзе æмæ фæсарæн хъуыддæгты министры фыццаг хæдивæг Лаша Дарсалиа.