Шалва Папуашвили – Нæ хицауады тыхахайдæй, бантыстис Уæрæсейы ныхмæ ноджы иу æхсæнадæмон барадон уæлахиздзинад
Символон у Страсбургы адæймаджы барты Европаг тæрхондоны уынаффæйы абоны рабадтыл райхъусын кæнын – афтæ дзуап кæны Гуырдзыстоны парламенты сæрдар Папуашвили Шалва Страсбургы тæрхондоны уынаффæйæн кæцы 2008 азы конфликты фæстæ райдайгæ а.х. бордеризацийы фæстиуæгæн адæймæгты барты састмæ æххæссы.
Парламенты сæрдар куы банысан дта афтæмæй, ацы уынаффæ у тыхджын барадон мæцъис историон рæстдзинады сногы, деоккупацийы æмæ нæ сæрысуангон территориты ссæрибар кæнынæн.
«Символон у Страсбургы адæймаджы барты Европаг тæрхондоны уынаффæйы абоны рабадтыл райхъусын кæнын.
Стрсбургы тæрхондон сбæрæг кодта, цæмæй уырыссаг оккупацийы уавæрты систематонæй хæлынц адæймаджы барты Европаг конвенцийы статитæ, кæцытæм цæуы цæрыны бар, хъизæмары æмæ æнæмбæлон ахасты тобæ, сæрибардзинады æмæ æдасдзинады бар, сæрмæмулкы бар æмæ бынативды сæрибардзинад.
Ацы уынаффæ у тыхджын барадон мæцъис историон рæстдзинады сæндидзын кæныны, деоккупацийы æмæ нæ сæрысуангон территориты ссæрибар кæннæн.
Растдæр нæ хицауады нæфæллайгæ тыхархайдæй баххæссыдыстæм Уæрæсейы ныхмæ ноджы иу æхсæнадæмон барадон уæлахиздзинадмæ.
Оккупаци æнæмнгæй фæуыдзæн сабырадон политикæйы æмæ хъæддых барадон къахдзæфтæй» – фыссы Шалва Папуашвили социалон хызаджы.
Адæймаджы барты Европаг Тæрхондон уынаффæ публикаци скодта хъуыддагы – «Гуырдзыстон Уæрæсейы» ныхмæ, кæцы æххæссы 2008 азы конфликты фæстæ райдайгæ æнæзакъонон «бордеризацийы» фæстиуæгæн адæймæгты барты састмæ. Страсбургы тæрхондон Уæрæсейы æрдгæй адæймаджы барты европаг конвенцийы æнæиу саст рабæрæг кодта.