Шалва Папуашвили – Марта Косс нæ æмбары, цы хъæуы гуырдзиаг адæмы, æппæт фæсарæйнæгтæ хъуамæ мауал дзурой гуырдзиаг адæмы номæй, уый бар никæмæн радзыстæм
Марта Косы фидиуæны уыд, цæмæй Гуырдзыстоны хицауад хъуамæ байхъуса гуырдзиаг адæммæ, фæлæ гуырдзийаг адæмы цы фæнды, уый нæдæр æмбары, –расидтис Гуырдзыстоны парламенты сæрдар Шалва Папуашвили.
Папуашвилийы ныхасмæ гæсгæ, уый у гуырдзиаг адæмы кад нæ кæнын æмæ сеппæтæй тæссагдæр фæндаг, кæцыйыл европон бюрократи цæуы.
«Ма хъуамæ рох кæнæм, цæмæй уый уыцы Марта Косс у, кæцыйы парти «ALDE» кусы террористимæ. Цалынмæ уый йæхи террористтæй нæ аиуварс кæна, уæдмæ йæ ныхæстæ иууылдæр сты æнæхъуаджы. Марта Косы фидиуæны уыд, цæмæй Гуырдзыстоны хицауад хъуамæ байхъуса гуырдзиаг адæммæ, фæлæ гуырдзийаг адæмы цы фæнды, уый нæдæр æмбары. Алы фæсарæйнаг, кæцы гуырдзиаг адæмы номæй дзуры, гуырдзиаг адæмы хæлар нæу, уый у ахæм адæймаг, кæцы хъуыды кæны, цæмæй гуырдзиаг адæм йæхицæй цæмæдæр гæсгæ къаддæр сты. Гуырдзыстоны цæрджытæ «Гуырдзиаг Бæллиццы» фарс рахæцыдысты 2012-æм азы, 2020-æм азы, 2024-æм азы æмæ уыцы иу нымæц, иу милуан æмæ сæдæ мин адæймаг, фæстаг рæстæджы, дыууæ мæйы размæ, бынæттон æвзæрстыты Гуырдзыстоны хицауады фарс рахæцыдысты. Цы зæгъы Косы Мартæ, ацы адæм адæм кæй не сты, уый тыххæй? Уыдон сты цавæрдæр æнæадæймæгтæ æмæ уæлдæр кастæйы минæвæрттæ ныхас кæнынц ныллæг кастæйы минæвæрттимæ” -сиды Папуашвили.
Уæ информацийæн, Европæйы уæрæх кæныны фарстаты комиссар Марта Косы расидтис, цæмæй ныфс дары, адæмы фарсылхæцындзинадæй, Гуырдзыстоны хицауад æрыздæхдзæн европæйаг фæндагмæ.