Гуырдзыстоны парламенты сæрдар Шалва Папуашвили Мальтæйы Республикæйы парламенты сæрдар, Анджело Фаруджаимæ фембæлдис.
Гуырдзыстоны парламенты пресс-куысты информацийæ, фембæлдыл банысан ис, цæмæй Евроцæдисы æрдгæй Гуырдзыстоны Европаг перспективæ банымадæй, Гуырдзыстон æмæ Мальтæйы æхсæн дыууæ фарсон ахастыты фæзындис цæдистæ фæарфдæры хъæуындзинад. Афтæма сæ хъусинагæй, бахахх ис бæрзонд рангы визитты нысаниуæг дыууæ бæстæйы æхсæн æмгуыстад стынг кæныны.
«Фарсытæ фæныхас кодтой парламентон цæдистыл, уый нымæцы секторон комитетты æхсæн æмгуыстадыл, афтæма афæлгæстой дыууæ бæстæйы æхсæн партнерад адæмты æхсæн ахастытыты, ахуырады, денджызы цæуыны, транспорты, энергетикæйы æмæ æндæр æрдæмадтæй. Шалва Папуашвили Анджело Фаруджаимæ Евроцæдисы уæнгсуæвыны фæндагыл Гуырдзыстоны прогрессыл фæныхас кодта æмæ банысан кодта, цæмæй Гуырдзыстон æнтыстджынæй æххæст кæны Евроцæдисы 12 рекмоендаци æмæ ныфс равдыста, цæмæй афæдзы кæрон Мальтæ йæ фарс рахæцдзæн Гуырдзыстонæн Евроцæдисы канидаты статус раттынæн. Анджело Фаруджа Гуырдзыстоны парламенты делегациимæ Евроцæдисы уæнгсуæвыны æрдгæй Мальтæйы фæлтæрддзинадыл фæныхас кодта æмæ ацы фарстайыл Гуырдзыстоны æххæст фарсхæцын сфиксир кодта», – дзырдæуы информацийы.