Шалва Папуашвили Мальтæйы  парламенты сæрдаримæ фембæлдис
Шалва Папуашвили Мальтæйы парламенты сæрдаримæ фембæлдис

Гуырдзыстоны  парламенты сæрдар Шалва Папуашвили   Мальтæйы  Республикæйы  парламенты сæрдар, Анджело  Фаруджаимæ фембæлдис.

Гуырдзыстоны парламенты  пресс-куысты  информацийæ, фембæлдыл   банысан ис, цæмæй  Евроцæдисы æрдгæй  Гуырдзыстоны Европаг   перспективæ банымадæй,  Гуырдзыстон æмæ Мальтæйы æхсæн дыууæ фарсон   ахастыты фæзындис цæдистæ фæарфдæры  хъæуындзинад.  Афтæма сæ  хъусинагæй,   бахахх ис  бæрзонд рангы  визитты нысаниуæг  дыууæ бæстæйы æхсæн  æмгуыстад стынг кæныны.

«Фарсытæ фæныхас кодтой  парламентон цæдистыл, уый нымæцы  секторон   комитетты æхсæн   æмгуыстадыл,  афтæма  афæлгæстой   дыууæ бæстæйы æхсæн    партнерад адæмты æхсæн   ахастытыты, ахуырады,   денджызы цæуыны, транспорты,  энергетикæйы æмæ æндæр æрдæмадтæй.  Шалва Папуашвили   Анджело Фаруджаимæ Евроцæдисы  уæнгсуæвыны фæндагыл  Гуырдзыстоны прогрессыл  фæныхас кодта æмæ банысан кодта, цæмæй  Гуырдзыстон æнтыстджынæй  æххæст кæны Евроцæдисы 12  рекмоендаци  æмæ ныфс равдыста, цæмæй афæдзы кæрон Мальтæ  йæ фарс рахæцдзæн  Гуырдзыстонæн Евроцæдисы  канидаты статус раттынæн. Анджело Фаруджа Гуырдзыстоны парламенты делегациимæ  Евроцæдисы  уæнгсуæвыны æрдгæй   Мальтæйы  фæлтæрддзинадыл  фæныхас кодта æмæ ацы фарстайыл Гуырдзыстоны æххæст  фарсхæцын   сфиксир кодта», –  дзырдæуы  информацийы.