Шалва Папуашвили – Мах æнæрмæст уый зыдтам куыд райдайынц ахæм хæстытæ, фæлæ ма куыд фæвæййынц, уый дæр зыдтам, кæд райтауынц æмæ  иу  сæ кæд  ыстухынц сырх гауызтæ, уый дæр
Шалва Папуашвили – Мах æнæрмæст уый зыдтам куыд райдайынц ахæм хæстытæ, фæлæ ма куыд фæвæййынц, уый дæр зыдтам, кæд райтауынц æмæ иу сæ кæд ыстухынц сырх гауызтæ, уый дæр

«Мах  æнæрмæст уый зыдтам, цæмæй куыд райдайынц ахæм хæстытæ, фæлæ куыд фæвæййынц, уый  дæр!» – фыссы Гуырдзыстоны парламенты сæрдар Папуашвили Шалва социалон хызагы.

Папуашвили афтæмæй дзуапп ратта НАТО-йы генералон нымæрдар Марк Руттейы фидиуæнæн, кæцыйы уый банысан кодта: «Нормалон уаид, кæд æмæ хæст æрлæууыдаит æмæ Европæ исты хуызы, къахдзæфгай, Америкæ та, къахдзæфгай, Уæрæсеимæ нормалон ахастытæ сног кæниккой, фæлæ мах бынтондæр уым нæма стæм».

«Мах зыдтам, ахæм хæстытæ канд куыд райдайынц, уый нæ, фæлæ ма куыд фæвæййынц, уый дæр». Мах ма зыдтам, кæд райтауынц сырх гауызæ æмæ сæ кæд батухынц, уый дæр. «Цы уыди, раст афтæ  уыдзæн ныр дæр, æмæ кæддæрты цы æрцыд, уый уыдзæн стæй дæр». «Хуры бын ногæй ницы ис» (Екклесиаст 1:9)», – фыссы Папуашвили.