Шалва Папуашвили Лихтенштейны  Кънйазады  парламенты сæрдар  Алберт Фрикимæ фембæлдис
Шалва Папуашвили Лихтенштейны Кънйазады парламенты сæрдар Алберт Фрикимæ фембæлдис

Гуырдзыстоны  парламенты сæрдар Шалва Папуашвили   фембæлдис  Лихтенштейны  Кънйазады   парламенты сæрдар Алберт Фрикимæ.

Фарсытæ банысан кодтой, цæмæй гуырдзиаг  делегацийы фыццаг официалон  визит  Лихтенштейны  Кънйазадмæ  нысаниуæгджын хайбавæрд скæндзæн  дыууæ бæстæйы æхсæн  парламентон æмæ базарадон  цадæситæ фæарфдæры хъуыддаджы.

Парламентты сæрдæрттæ  хъусдард раздæхтой  дыууæ бæстæйы æхсæн фæстиуæгджын  æмгуыстадмæ æхсæнадæмон организациты фæлгæтты. Шалва Папуашвили  банысан кодта,ц ææмй  Гуырдзыстон  йæ фарс  хæцы  Европæйы Советы  министрты комитеты  Лихтенштейны  сæрдариуæгы приоритетен.

Фарсытæ афтæдæр афæлгæстой  парламентон æмгуыстад, партнерад æндæр æмæ æндæр сектороон  æрдæмадæй, Гуырдзыстоны  прогресс Евроцæдисы уæнгсуæвыны  фæндагыл, Уæрæсейы  æрдгæй Гуырдзыстоны  регионты  оккупацийы æмæ Сау Денджызы  регионы уæвæг   æдасдзинады расидтытæ.

Парламентон делегацийы сконды сты: вице-спикер  Гиорги Кахиани, юридикон фарстаты комитеты сæрдар Анри Оханашвили, æнæниздзинады æмæ социалон хъахъъæды комитеты сæрдар Заза Ломинадзе æмæ парламенты уæнг Кетеван Чарквиани.