Шалва Папуашвили - квазипатриотон фидиуæнты бар никæмæн ратдзыстæм
Пропагандæйы тыххæй куы зæгъæм, кæмæ байхъусæм æмæ кæмæ та нæй, цы нæ бауырна? Бауырнæт нæ нæхи цæстæй цы федтам, нæ хъустæй цы фехъуыстам æмæ нæхи зонд нын цы зæгъы уыдæттæ, – уый фæдыл паралменты сæрдар Шалва Папуашвили парламенты бюройы рабадтыл райхъусын кодта æмæ оппозицийы минæвæрттæм баздæхт.
Шалва Папуашвили куыд банысан кодта афтæмæй, ацы пропагандистон къуыпсы, æндæр пропагандистон къуыспсытау фæсыкк уыдзæн.
«Нæ зæрдыл лæууы 2020 азы æвзæрстыты фæстæ адæймæгты хайы, куыд фæрæдийын кодтой пропагандæйæ, цæвиттон æвзæрстытæ фæмæнг сты. Акцитæ дæр нæ зæрдыл лæууынц, фидиуæнтæ дæр. Фæлæ федтам цы уыдис рæстдзинад, нæ сын бантыст басусæг кæнын. Ам дæр пропагандæ ис, цæвиттон уырыссаг закъон исæм æмæ уый нæу фыццаг хуъсын, цæвиттон Венецийы Комисси нæ уыдзæн. Ай æппæт адæм куы уынынц æмæ фендзысты æнæмæнгæй. Ацы пропагандистон къуыпсы æндæр пропагандистон къуыспсытау аскъуийдзæн æмæ фæстагмæ, уын æууæнк нал уыдзæнис, раздæр куыд æрцыд æмæ фенкъуысыд æууæнк афтæ, æмæ уын уымæн дзуры, пропагандæйы бæсты, бакусут закъоны мидисыл. Квази-пропагандистон фидиуæнты тыххæй та зæгъдзынæн, цæмæй никæмæн ратдзыстæм уый бар, ерын мæ фæстæ ацы тæккæ ис Давит Агъмашенебелийы ныв, никæмæн ратдзынæн бар Уæрæсеимæ параллелтæ араза. Никæмæн ратдзыстæм бар, патриотдзинады кой кæнат, мах ам куы стæм уæд», – райхъусын кодта Шалва Папуашвили.